Uarzgæ Dæ Kænyn

Uarzgæ Dæ Kænyn

Diana Besolti

Альбом: Uarzgæ Dæ Kænyn
Длительность: 3:18
Год: 2022
Скачать MP3

Текст песни

Дæ иу бакастæй дæр циндзинад исын
Æрфæнды мæ зарын
Цы бон дæ нæ фенын, зæрдæйы риссын
Æрмæст уæд æнкъарын
Дæу кæй уарзын, уый дын куыд зæгъон
Куы нæ йæ æмбарын

Дæ мидбылты худтыл худгæ зæрдæйæ
Æдзухдæр æмбæлин
Нæ рæсугъд дунейы демæ цæугæйæ
Æнусмæ фæцæрин
О, цы кæнон, ныр дын куыд зæгъон
Мæ бауарз æндæры
Ма мын бауадз тызмæг сагъæстæн
Мæ зæрдæ æфхæрын
Нæ фæстæг фембæлдты дæхи куыд дардтaй
Æз уымæй æмбæрстон
Дæ цинтæ, дæ амонд
Ды кæй ыссардтæй
Кæмæдæр мæ бæсты
О, цы кæнон, куыд ма цæрдзынæн
Зæрдæрысты фæстæ

Куыд хорз-иу уыдысты мæйрухс изæртæ
Сæ зарджытæ хæхтæн
Мæ хай кæд нæ фæдæ
Уæддæр мæ зæрдæ дæу мысгæйæ цæрдзæн
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рох гæнæн куыд нæй
О, тæхуды æнувыд уарзтæн
Йæ хорзæх кæй фæци

О, тæхуды æнувыд уарзтæн
Йæ хорзæх кæй фæци